Текст песни:
А-ло-ла, а-ло-ла
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы.
Ацы хъæндил хъæндилæг,
Йæ базыртæ æрттиваг,
Йæ астæуыл цыргъ хъама,
Йæ уæлæ та цъæх цухъхъа.
Кæдæм уайыс, хъæндилæг?
Хохæй уайын быдырмæ
Цæмæй цæрыс быдыры?
Урс кæндысæн йæ бынæй,
Урс кæндысæн йæ сæрæй
Цæргæ та дзы кæм кæныс?
Айчы хъузджы мæ хæдзар,
Карды комыл мæ фæндаг,
Судзины бын мæ дуар.
Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ?
Тинтæ æмæ Тыбылтæ.
Цæмæй хъазынц дæ хуртæ?
Тины хъазæн фæрæтæй.
Ныццæвынц æй зæвæтæй.
А-ло-ла, а-ло-ла
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы
vk.com/ossmus
Слова песни прочитаны: 1554
Комментарии (0)